Арфæ Ирон æвзаг æмæ литературæйы боны фæдыл

15.05.2022, 13:25


Зынаргъ ӕмбӕстӕгтӕ!

Зӕрдӕбынӕй уын арфӕ кӕнын мадӕлон ӕвзаг ӕмӕ литературæйы боны фӕдыл!

Ӕвзаг, кӕцыйыл дзырдта ӕгас дунейы кад кӕмӕн ис, уыцы зындгонд ирон æвзаг æмæ литературæйы бындурæвæрæг Къоста, кӕцыйыл фыст ӕрцыд «Ирон фӕндыр» - нӕ литературон хӕзна.

Ирон ӕвзаджы руаджы мах баззадыстӕм историйы, куыд Скъифты, Сӕрмӕтты ӕмӕ Аланты фӕдонтӕ. Ирон ӕвзагыл райхӕлдтой сӕ зӕрдӕйы фӕндонтӕ, сӕ уарзт ӕмӕ сӕ рыст Секъа, Нигер, Шамил, Нафи, бирӕ ӕндӕр номдзыд ирон фысджытӕ.

Абон, царды уагмӕ гӕсгӕ, алыгъуызон æвзӕгтӕ размӕ кӕнӕм, нӕ мадӕлон ӕвзаг та йӕ ахсджиагдзинад сафы бонӕй-бонмӕ.

Махыл ис хӕс, цӕмӕй ирон ӕвзаг цӕра ӕнустӕм. Ӕмӕ уый тыххӕй фыццагдӕр хъуамӕ дзурӕм иронау нӕхӕдӕг, нӕ ӕхсӕнад, уӕд нӕ фӕсивӕд дӕр нӕ зивӕг кӕндзысты мадӕлон ӕвзагӕй пайда кӕнын.

Мӕ хӕлӕрттӕ, абоныбон ныл ӕрвылаз дæр рӕсугъдӕй цӕуӕт, ирон ӕвзаджы ӕмвӕзад та уӕлдӕр ӕмæ фидар кӕнӕт!


Поделиться